Номер части:
Журнал
ISSN: 2411-6467 (Print)
ISSN: 2413-9335 (Online)
Статьи, опубликованные в журнале, представляется читателям на условиях свободной лицензии CC BY-ND

РОЛЬ ПЕЧАТНЫХ СМИ (НА ПРИМЕРЕ Г. «РÆСТДЗИНАД») В ФОРМИРОВАНИИ НРАВСТВЕННЫХ ИДЕАЛОВ МОЛОДЕЖИ



Науки и перечень статей вошедших в журнал:
DOI:
Дата публикации статьи в журнале:
Название журнала: Евразийский Союз Ученых — публикация научных статей в ежемесячном научном журнале, Выпуск: , Том: , Страницы в выпуске: -
Данные для цитирования: . РОЛЬ ПЕЧАТНЫХ СМИ (НА ПРИМЕРЕ Г. «РÆСТДЗИНАД») В ФОРМИРОВАНИИ НРАВСТВЕННЫХ ИДЕАЛОВ МОЛОДЕЖИ // Евразийский Союз Ученых — публикация научных статей в ежемесячном научном журнале. Филологические науки. ; ():-.

Фœстагазты Уœрœсейыцардыуаджыцыстыривддзинœдтœ цœуынц, уыдонстыногдемократон œхсœнадаразыныфœстиуджытœ. Уыдон, фыццаджыдœр, бœрœгдарынцнœ бœстœйысоциалон-экономиконуавœрыл. Нœйногцардарœзтыхъуыддагœниууагылцœуœн. Цы œнтыстдзинœдтœ œфтыуœрœсейœгтœнсœ къухы, уыдончысылнесты. Фœлœ рœстœгœй-рœстœгмœ уавœрфœкарзвœййымидœг œмœ œддагонаххоссœгтœй, œмœ уœдхуымœтœгадœмыавналœнтœ œлхъывд œрцœуынц. Хорз у уый, œмœ абоны компьютерон дуджы гуманистон ахаст сси Уœрœсейы œхсœнадон-политикон царды фидар бындур. Адœймаг, йœ уд, йœ цард, йœ монон райрœзт у нырыккон царды уагœвœрды сœйраг нысан. Уый фœдыл къухы исты бафтыны ратœдзœн у гуманизмы идейœйы бындурыл арœзт ахуырадон хъуыддаг. Абон уœлдай ахадгœ œмœ актуалон у дзырды тых, аив литературœйы хъомыс.

Аив дзырды фœрцы фœсивœд зонгœ кœнынц, нœ рагфыдœлтœй нын цы кадджын œгъдœуттœ баззад, уыдонимœ: кад, œгъдау, œфсарм, уарзондзинад Райгуырœн бœстœмœ, рœстдзинад œмœ сœрыстырдзинад. Фыдœлтыккон хœрзœгъдœуттœ сывœллœттœн амонынц: цы у хорз œмœ œвзœр, тœппуд œмœ ныфсхаст, магуса œмœ фœллойуарзаг. Аив дзырды œмœ ирон мыхуыры фœрцы бамбарынц, Райгуырœн бœстœ адджын кœй у, мадœлон œвзаг мады ад кœй кœны, œгъдау хъœдбыны дœр кœй хъœуы, уыдœттœ. Сабитœ сœ зœрдœмœ хœстœг райсынц, литературон уацмысы фœрцы цы фœзминаг фœлгонцтимœ базонгœ вœййынц, уыдоны: Бола, Чермен, Таймураз, Иссœ œмœ œнд. Бамбарынц, уыдоны куы фœзмой, уœд фидœны кœй уыдзысты фœндиаджы фœлтœр – ног хуызы цард аразджытœ.

Аив литературœйы уацмыстœ сывœллонœн амонынц  мадœлон œвзаджы рœсугъддзинад, нœ ирон намысджын œгъдœуттœ. Хуыздœр литературон хъайтарты, стœй фыссœгœн йœхи фœлгонц сабитœ сœ зœрдœтœм хœстœг райсынц, œмœ сын свœййынц уарзон, фœзминаг.

Уыцы хъайтартыл ахуыр кœнынц сœ дарддœры царды нысантœ œххœст кœныныл: адœймаг уœвын, дœсныйад райсын, Ирыстон уарзын œмœ а.д.

Нœ фыдœлтœй нын хорзœй цы баззад, уыдон сты ирон œвзаг, ирон фарн œмœ ирон œгъдау.

Мадœлон œвзаджы фœрцы скъоладзаутœ базонынц ирон œгъдœуттœ, ирон цардыуаг. Уый хъœздыг кœны сывœллœтты миддуне, уый фœрцы рœзы сœзондахаст, уœрœхдœр кœны сœ дунеœмбарынад.

Зындгонд поэт Джыккайты Шамил фыста: «Мадœлон œвзаг у адœмы монон царды фœрœз, культурœ œмœ рухсады мадзал, œрдз œмœ поэзийы хъœлœс, œгъдау œмœ фидауцы суадон» [7]. Куыд аив, куыд хъœздыг у ирон œвзаг, уый Шамил нывœфтыд кœны ахœм ныхœстœй:

«Дзырд «дидинœг» йœхœдœг рœсугъддœр œмœ зынаргъдœр у œппœт дидинœгдонœй. Дзырд «бœлас» ахъаззагдœр œмœ алœмœтдœр у Нарты сызгъœрин фœткъуыйœ. Дзырд «сызгъœрин» тынгдœр калы цœхœртœ зынаргъ згъœртœ œмœ налхъуыт-налмастœй. Дзырд «бонвœрнон» эпосœй диссагдœр у: йœ зœлынад тыбар-тыбур кœны стъалыты рухсау…».

Абон мадœлон œвзаджы сагъœссаг уавœрыл ирон мыхуыры бирœ цœуы ныхас. Ирыстоны цœрджытœ, интеллигенцийы минœвœрттœ, ахуыргœндтœ, фысджытœ аразынц алыхуызон мадзœлттœ, цœмœй ма фесœфа ирон œвзаг, цœмœй фидар йœ къахыл слœууа. Фыссынц сœ хъуыдытœ, дзурынц œргом сœ зœгъинœгтœ. Зындгонд журналист Цгъойты Хазби йœ уац «Æвзаджы хъысмœт – нœ сагъœс, нœ дзуринаг», зœгъгœ, уым фыссы: «Адœймаг цал œвзаджы зоны, уал лœджы у, — зœгъы ирон œмбисонд. Цымœ ирон адœмœй йœхи œвзаг чи ферох кодта, уыдон та куыд хонœм? Æрдœг лœгтœ?!» [10]. Ацы ныхœстœй Хазби комкоммœ уайдзœф кœны, œнœрвœссон цœстœй чи кœсы йœ мадœлон œвзагмœ, уыдонœн. Нымайы сœ «уœрœседзаутыл». Æмœ кœд Брытъиаты Елбыздыхъо юморы хуызы равдыста «уœрœседзау»-ы фœлгонц, уœд журналист Цгъойы – фыртœн та йœ ныхас у карз. Йœ уацы дзуры йœ хъуыдытœ уайдзœфы хуызы, œмбарын кœны, œвзаг цы уавœры ис, уый худœг кœй нœу: «Зындгонд драматург йœ пьесœ «Уœрœседзау»-ы кœуыл худы, ахœм «уœрœседзаутœ» абон сты бирœ Ирыстоны зœххыл, Уœрœсемœ цœуын дœр сœ нœ хъœуы». Сœ ныхмœ сын антитезœйœн œрœвœрдта ахœм цымыдисаг хабар: «Зындгонд францаг ахуыргонд Жорж Дюмезиль, Нарты кадджыты œмœ ирон адœмы сфœлдыстады иннœ ног рауагъд чингуытœм Ирыстонмœœрвыста Парижœй  œмœ сœ каст иронау».

Курдиатджын поэттœœмœ патриотты зœрдœтœй œвзœрынц ирон œвзаджы цытœн ахœм рœнхъытœ: «Куыд хорз, куыд кадджын дœ мœ цœсты, Нœ ирон мадœлон œвзаг». (Чеджемты Æ.)

«Ирон œвзаг! Тыхджын дзыхы дзуапп œмœ ныфсдœттœг, зœрдœйы дуаргомгœнœг». (Брытъиаты Е.)

«Æз зардзынœн уœд дœр, иронау ма куы дзура ‘рмœстдœр иу лœг, Кœд уыцы лœг мœхœдœг уон, уœддœр!». (Хъодзаты Æ.)

Зœрдœ агайынц поэт Дзасохты Музаферы хъуыдыджын ныхœстœ: «Фыдыбœстœ! Йœхицœй рœсугъдœр œмœ зœлланггœнагдœр дзырд зын ссарœн у… Мадыбœстœ… дзыхы фидаугœ дœр нœ кœны. Ады цъыртт дзы нœй, цœсты нœ ахады, хъус нœ рœвдауы.

Мадœлон œвзаг… Цœмœн œрмœст «Мадœлон œвзаг», «Фыдœлон» цœуыннœ?

Фыдыбœстœœмœ мадœлон œвзаг афтœ фидар баст сты, œмœ сœ фœхицœн кœнын никœй бон бауыдзœн. Мадœлон œвзаджы фыдыбœстœйœ кадджындœр дзырд куыд нœй, афтœ фыдыбœстœйы дœр мадœлон œвзагœй кадджындœр ницы ис»[8].

Мадœлон œвзаджы фœрцы скъоладзаутœ базонгœ вœййынц Нарты кадджыты œрдхœрœны хъайтартимœ, сœ миниуджытимœ: хъœбатырдзинад, райгуырœн бœстœ уарзын, адœмы сœрвœлтау мœлœтмœ цœттœ уœвын, œрмœст рœстдзинад дзурын, сылгоймагœн цыт кœнын, гуыбыныл уœздан уœвын, хистœртœн кад кœнын, кœстœры рœвдауын. Фœлœ йœ мадœлон œвзагœй, йœ адœмы фарны œгъдауттœй иппœрд чи у, ахœм сывœллонмœ ницыхуызы бахъардзысты Нœртон мад Бедухайы ныхœстœ. Дœ фырт фœмардис, зœгъгœ, йœм куы фœхабар кодтой, уœд сын уый радта дзуапп: « Ацœут œмœ фенут, кœд йœ риу у цœф, уœд кадимœ ныгœныны аккаг у; кœд къœбутырдыгœй цœф у, уœд знагœй лидзгœ кодта, œмœ йœ фаджысы баныгœнут».

Мадœлон œвзаг сабитœн амоны фыдœлтыккон хœрзœгъдœуттœ, сœ сусœг къуымтœ. Уœд бамбардзысты, намысджын Госœма йœ иунœг хъœбул Хœсанœйы цœмœн œфхœрдта, уый:

«Уœ марг дын œрбауой мœ дзœбœхдзинœдтœ, мœ риуы ‘хсыры цъыртт»[9].

Ирыстоны рухс фидœныл, йœ уарзон адœмы хъизœмайраг уавœрыл Къоста сагъœс кодта йœ цœргœбонты. Уый сœйрагдœрыл нымадта сывœллœтты раст хъомыл кœныны фœрœзтœ, уыимœ суанг авдœныкконœй фœстœмœ. Ноггуырд сабийы рœвдауœн, узœн œмœ фынœйгœнœн дзаумайœн ахœм ном дунейы адœмтœй ничи радта – авдœн, зœгъгœ. «Авд фырты œмœ иу чызгмœ бœллыдысты  фыдœлтœ сœ ног чындзытœн, œмœ авд лœппуйы аузынœн сарœзтой авдœн.

Бирœ мадœлтœн схъомыл сты уыцы авдœнты сœ сывœллœттœ. Уыди ахœм амондджын авдœнтœ, œртыгай фœлтœры сывœллœттœ баст кœм œрцыдысты…», — фыссы номдзыд фыссœг Айларты Измаил [1].

Къоста œмœ Елбыздыхъо, Секъа œмœ Нигеры сфœлдыстад у ирон царды энциклопедии. Уым Æрфœны фœдау ирдœй зынынц сœ фœдзœхстытœ Иры фœлтœрœн. Ирон мады хъœлœсœй Къоста фœдзœхста авдœныккон сывœллонœн:

«Сугтœ мын хœссис œргъомœй,

Бадзурин дœм уœд œргомœй:

Мады зœрдœ зон, О мœ бон!…

Бадзурин дœм: уарз нœ  бœстœ,

Ма сœ суœлдай кœн нœ фœстœ.

Ма сœ бафœллай!…

А-лол-лай!»

«А-лол-лай»

Къоста хорз зыдта фœсивœды лыггœнинаг фарстатœ. Уый дзырдта, зœгъгœ, фœсивœдмœ, сœ фидœнмœ куыдфœндыйы цœстœй чи кœсы, уыцы адœмы хаттœн рухсмœ фœндаг нœй. Цыма ныры рœстœджы фœсивœды уыдта, уыйау зœрдœ агайынц йœ ныхœстœ:

«Фесœфай, фесœфай уастœн, нœ фœсивœд-

Иу бахъахъхъœнаг дœ куы нœй!»

Ацы рœнхъытœ фысгœйœ, бар – œнœбары зœрдыл œрлœууынц, нœ бœстœйы «œндзыг дуг» кœй хонынц, уыцы сабыр рœстœджы азтœ. Уœд фœсивœды хъомыладœн хорз ахъаз уыдысты пионерты œмœ фœскомцœдисы къордтœ. Уыцы къордтœм истой хуыздœрты. Æппœт фœсивœды минœвœрттœ дœр уыдысты уыцы кадджын пионерты œмœ фœскомцœдисы рœнхъыты. Студент чи уыди, уыцы фœсивœд та цыдысты сœрды улœфœн бонты рœстœг студентты арœзтадон отрядтœм. Цардбœллон фœсивœды романтикон равг разœнгард кодта ацœуынмœ, стыр Уœрœсейы кусœг къух кœм нœ фаг кодта, ахœм бынœттœм. Сœрœнгуырд фœсивœд – œвзонг чызджытœ œмœ ныфсхаст лœппутœ – цыдысты зœрœстон зœххытœ  фœлдахынмœ, горœттœ аразынмœ (Комсомольск-на-Амуре), гидростанцœтœ (Саяно-Шушенская ГЭС), БАМы арœзтœдтœм. Нœ хистœртœ куыд дзурынц, афтœмœй уый уыд амондджын рœстœг. Фœсивœды сœ уœлмонц бœллицтœ хастой дард кœдœмдœр, œнœзонгœ, фœлœ, œнœмœнг, амондджын кœм уыдзысты, ахœм ранмœ. Æмœ-иу кœдœм нœ ацыдысты œрыгон чызджытœœмœ лœппутœ, œхца œмœ мулчы фœдыл нœ, фœлœ аразынмœ: Павлодармœ, Мурманскмœ, дард Сыбырмœ. Поезды рудзгуытœй-иу сын дымгœ скъœфта сœ хъœлдзœг худын œмœ зарын.

Чи-иу сœм касти хœлœгхуызœй, уыдонœн дœр-иу цинœйдзаг уыдысты сœ зœрдœтœ, райдзаст – сœ цœсгœмттœ. Ныр нын уыцы мысинœгтœ сты ностальгийы хуызы.

Кœм-иу œрбынат кодтой, уым арœзтой бинонтœ, кодтой œнœзœрдœхудт фœллой. Сœ рœсугъд œгъдау œвдыстой сœ цардыуагœй дœр œмœ сœ куыстœй дœр. Абон Уœрœсейы горœтты œмœ фœсарœнты зындгонд сты, ирон адœмы кадджын чи скодта, уыцы адœймœгты нœмттœ: Гергиты Валери, Болоты Таймураз, Кучиты Юрий, Адырхаты Светланœ, Дудараты Вероникœ œмœœнд. Фœзминаг фœлгонцты тыххœй бирœ дœнцœгтœœрхœссœн ис.Журнал «Мах дуджы» фыстой иу ахœм хабар. Зындгонд богал Зœнджиаты Дзантемыр (спорты сгуыхт архайœг Зœнджиаты Викторы фыд) 80-œм азты цардис дард Камчаткœйы. Уым ма чи цардис уœды рœстœг ирон фœсивœдœй, уыдоны иу бон œрœмбырд кодта œмœ сын карзœй бамбарын кодта йœ домœн: «Йе’ гъдау йœхимœ кœмœн нœй, уымœн амœйфœстœмœ ам ницы ис. Ирон адœмы мачи худинаг кœнœд. Нœ фехъуыстон, зœгъгœ, дœр-иу мачи зœгъœд.» Æцœгдœр, уœды рœстœджы ирон лœппутœн се’ гъдау, сœ намыс Камчаткœйы цœрœг адœмы œхсœн уыдысты фœзминаг.

Йœ мидисмœ гœсгœ кœсœм œндœр œрмœг, фœлœ та дзы хъыгагœн, спайда кœндзыстœм антитезœйы хуызы. Йœ автор – Цгъойты Хазби, г. «Рœстдзинад»-ы редакторы хœдивœг. Уый фыссы: «… Редакцийœ мœ арвыстой композитор Колесниковмœ. Ирон музыкœ фыста, œмœ, дам, œм ногœй цы ис, цœуыл кусы, уый ныффысс. Хœрззœронд лœгœй йœ баййœфтон. Йœ цардœмбал уыдис хъœддыхдœр, œмœ уый œххуысœй йемœ аныхас кœнын мœ къухы бафтыд. Ныхас куы фестœм, уœд мын йœ цардœмбал афтœ: «Ардœм цœрынмœ куы œрлыгъдыстœм, уœд, ирон адœм, уе’ гъдœуттœ нœ зœрдœмœ афтœ фœцыдысты, œмœ нœ нœ къах ардыгœй нал ахаста. Уœлдай тынгдœр мœ зœрдœмœ цыд уœ чызджыты хœдœфсармдзинад. Сœ хъœр ныхас сын уынджы никуы фехъусдзынœ. Ныр афтœ нал у, œгœр сœ суагътат, хъœр ныхас нœ, фœлœ ма сœ проспекты œхсынœнтœœхсынгœ дœр федтон. Ирон газеты кусыс, œмœ уœ курœг дœн: уœ рœсугъд œгъдœуттœбахъахъхъœнут.» Ацы ныхœстœ мœ зœрдыл арœх œрлœууынц, œмœ фœхъуыды кœнын: ныр сœ куы фенид, ныр!»[10] — сарказмы хуызы балхынцъ кодта журналист йœ хъуыды.

Æрыгон фœлтœры удварны хъомылад фœстаг азты œцœг кœй фœцудыдта, нœ лœппутœй бирœтœ фыдраконды фœндагыл кœй ныллœууыдысты, œмœ сœ фœстаг сœрсœфœнмœ кœй цœуы, уый фœдыл у йœ сагъœс ахуыргœнœг Боциты – Гœлуаты Зояйœн дœр. Газет «Рœстдзинады» йœ уац «Нырыккон демократи»-йы œргом кœны, фœсивœд цœмœн адзœгъœл вœййынц œмœ фыдохы фœндаг цœмœн равзарынц, уый аххосœгтœ: «Телевизорœй œнœсцухœй œвдисынц давд, мард, рœмыгъд, наркотиктœ… Адœмы кœцыдœр хай сœгъатыр, ссырдхуыз сты, œнœфсарм, œнœгъдау, сылгоймаджы œфсарм œрыстыгътой… Фœзœгъынц, хœдзар скъола у, ныййарджытœ —  ахуыргœнджытœ, зœгъгœ. Уымœн абоны царды бындур нœй, цалынмœ телевизор œгъдауыл уроктœ дœтта, уœдмœ. Гœдиаты Секъайы «Мœ бœлас»-ау мœм кœсы абон нœ бœстœйы уавœр:

«Цы мœгуыр дœ, мœ бœлас…

Мœлдзыг дœр ыл ысхилы,

Уый дœр йœ тых œвзары,

Йœ сау бырынкъ стилы,

Æппындœр сœм нœ дзурыс…»

(Мœ бœлас)[2].

Мœстœлгъœд у йœ ныхас ахуыргœнœгœн, œфсон агуры демократийы фœстиуджыты, фœлœ йœ катай, йœ мœт фœсивœды раст хъомылад кœй у, уый дызœрдыггаг нœу.

Сывœллоны хъомылады сœйрагдœр мад у. Мад йœ хъœбулы уарзы œгœрон уарзтœй, йœ зœрдœйы œрфытœй цœуы йœ узœлгœ ахаст йœ сывœллонмœ. Мады фœразон архайдœй, цœстуарзон ахаст œмœ куырыхон зондœй аразгœ у сабийы рœсугъд удысконд.

Зындгонд рухстауœг Колыты Аксо фыста: «Чтобы правильно воспитать новое поколение, для этого требуется образованная и передовая семья, а для создания такой семьи нужна, прежде всего, образованная и передовая женщина».

Нœ фыдœлтœй нын цы дзыхœй дзургœ сфœлдыстад баззад, уым сылгоймаджы фœлгонц ахсы зынгœ бынат. Таурœгъты, кадджыты, сылгоймаджы œвдисынц фœлмœнзœрдœ мадœй, куырыхон хъомылгœнœгœй, рœдау œфсинœй. Иу лœппулœгœй йœ уарзон чызг œрдомдта, кœд мœ уарзыс, уœд мын дœ мады зœрдœ скъах œмœ мын œй œрбахœсс, зœгъгœ. Лœппу мады зœрдœ скъахта, œмœ йœ фœцœйскъœфта йœ уарзон чызгмœ. Уалынмœ йœ къах скъуырдта, фœкалд. «Дœхи нœ ныццавтай, мœ хъœбул», — сдзырдта йœм мады зœрдœ. Ацы таурœгъ фœлтœрœй фœлтœрмœœмбисондœн хœссынц ирон адœм, «мады зœрдœ», зœгъгœ.

«Чызг авгœй уœлдай нœу – алцыдœр ыл зынгœ кœны». «Сылгоймаг иугœр иу хатт фœкалд, уœд œнœсцъыфœй нал фестдзœн», — зœгъгœ, ахœм œмбисœндтыл ахуыр кодтой мадœлтœ сœ чызджыты рагœй-œрœгмœ.

Ныр та? Ахъуыды-ма кœнœм, цымœ сœ чындзœхсœвтœ, суанг ма сœ зианы кœндтœ ресторанты чи аразы, уыдон цавœр œгъдауыл хœст сты? Ницавœр. Æмœ œгъдау кœм нœй, уым нœ нœлгоймœгтœ карз нозт чи фылдœрœй нуазынц, сылгоймœгтœн дœр ма йœ тыхœй хъарынц. Ахœм ныййарджыты сœ кœстœрты хъомылад не ‘ндавы, куыдфœндыйы цардœй цœрынц. «Сœ цоты кусын, фыдœбон кœныныл сœ нал ахуыр кœнынц, уœгъдидонœй ауагътой, œмœ телеравдыст «Дом-2» — йы» цивилизацийœ хъœстœ кœнынц. Сылгоймаг фœзмынынмœ œмхицдœр у, œмœ ахœм телеравдыстыты фыдœй ирон сылгоймаг нырœй уœгъддœр, œдзœсгомдœр, стœй œнцондœр балхœнœн никуы уыд», зœгъгœ, œргом дзуры журналист Цгъойты Хазби. Стœй дарддœр фыссы: «Сылгоймаг дидинœг у. Уымœй дидинджытœн сœ хуыздœр: уарди (роза), мœтœг дидинœг. Фœлœ ацы дидинœг œнцон œртонœн нœу – сындзытœ йыл ис. Æмœ йœ уыцы œууœл ноджы кадджындœр кœны адœмы цœсты. Æфсарм, œгъдау œмœ намысœй «сындзытœ» уыд ирон сылгоймагыл дœр. Цы сын фесты? Æнцон œртонœн цœмœн сси? Йœ кад, йœ намыс цœмœн фесœфта?[11]. Цивилизацийы дуг, дам, у ныр… Федор Достоевскийы загъдау: «… Да будут прокляты эти интересы цивилизации, и даже самая цивилизация, если для сохранения ее необходимо сдирать с людей кожу».

Иннœ œфсон та нын ахœм у: мах, дам, размæдзыддæр адœм стœм нœ сыхаг адœмтимœ абаргœйœ… «Уœвгœ размœдзыддœр адœмты кой куы кœнœм, уœд япойнœгты, ногœй куы райгуырœм, уœддœр нœ аййафдзыстœм. Уыцы бœстœйы чиновниктœй иунœгдœр нœ ныббыхсдзœн, йœ кусœнуатмœ бахизœны бадœг œрдœгбœгънœг кусœг сылгоймагœн», — фыссы Бутаты Эльзœ [3].

Æгъдау у царды бындур. Æмœ ирон œгъдауыл кœм ныллœуай, уым дœ уœлфадœй сгœпп кœндзœн. Æгъдау адœмы œгъдауœй цœуы, œмœ ирон цардыуаджы цы домы, уый алкœй хœс дœр у йœ œххœст кœнын. Алчи нœ œрмœст йœхи гуылы бын куы œндзара, уœд нœ уый хорзмœ не ‘ркœндзœн. Кад йœхœдœг дœ фœдыл не згъордзœн, йœ зындзинœдтœй йын дардмœ куы лидзай, уœд. Кœстœр куы рæдийа, уœд ын хъуамœ хистœр йœ рœдыд цœстуарзонœй бамбарын кœна. Цард цард у, œмœ дзы алцыдœр вœййы. Фœлœ ахœм хъœндзинœдтœ нœ фыдœлтœ дзœбœх кодтой йœ цœфыл. «Хъороты Сослан йœ иу очеркы фыста, хос ласгœйœ, дыууœ лœппуйы куыд фœхыл сты, œмœ сœ хъуыддаг хъœуы Ныхасмœ бахœццœ. Ныхас лœппутœй иуы дœр нœ бафхœрдта, фœлœ равзœрста рœстдзинад, загъта сын сœ аиппытœ, дарддœр сœ цы кœнын хъœуы, уый сын бацамыдта. Уымœй бакодта стыр хъомыладон куыст, дыууœ лœппуйы œхсœн ахуыссын кодта хœрамдзинад»[10].

Абоны дуджы, мулк чидœртœ фыдœлтыккон сœрыстыры хœрзтœй – кад, œгъдау, œфсармœй бœрзонддœр кœм œвœрынц, уым уœлдай фылдœр œргом здахын хъœуы фœсивœды фœллойадон хъомыладмœ. Газетты фœрстыл бакœсœн ис бирœ œрмœджытœ, газеткœсджытœ куыд сагъœс кœнынц œгуыст фœсивœды уавœрыл, уый тыххœй: «Куыст адœймаджы уд сыгъдœг кœны, йœ уœнгтœ – рог, цас ис горœтты œмœ хъœуты  уынгты œгуыст лœппутœ œмœ чызджытœ, сœ уынд – уœнтœхъил, œнкъард, фылдœр та – мœстœлгъœд. Ахœм адœймагœн уœлдай ницы у» [9]. Уымœ гœсгœ мах хъœуы кусын: œнœниз, сœрœн œмœ зондджын фœлтœр хъомыл кœнын. Уый тыххœй ис ахъаззаг фœрœз – ирон мыхуыр. Уый нын œргом кœны нœ хъœнтœ, амоны нын нœ рагфыдœлты хœрзœгъдœуттœ, зонгœ нœ кœны, Ирыстоны ном бœрзонд чи кœны, уыцы кадджын адœймœгтимœ. Уыдон ахуыр кœнынц фœсивœды намысджын уœвыныл, Райгуырœн бœстœ уарзыныл, ныййарœгœн аргъ кœныныл. Дзœнœты бадинаг Джыккайты Шамилы публицистон œрмœджыты хъайтартœ сœм œвзœрын кœнынц тырнындзинад бœрзонд идеалтœм. Шамил фыссы газет «Рœстдзинад»-ы: «Кœддœр œрцыд ахœм цау: ныры боевикты фыдœлтœ Куырттаты хъœуы истой сугдзауты бœхтœ. Хъœддзаутœуыдысты Къарджиаты œфсымœртœ. Уыдон сœ сœрмœ не ‘рхастой сœ бœхтœ раттын. Бахъуыд сœ хœцын. Абырджытыл сœ хур бамынœг. Йœ уд дзœнœтон баци œфсымœртœй иуœн. Иннœ йœ мадызœнœджы мард œмœ фыдгœнджыты хœцœнгœрзтœ сласта сœ хъœумœ. Сœ мад рацыд сœ размœœмœ фœрсы: «Мœ хъœбултœ, ницы худинаг мœм œрхастат?!».

Ацы намысджын, сœрыстыр ирон сылгоймаг у Спартœйаг мады халдих. Уый дœр афтœ фœрсы, хœстœй цы илот œрхœццœ, уый, хœст цœуыл ахицœн, уымœй. «Дœ фырттœ фондзœй дœр фœмард сты», — загъта хабархœссœг. Ус ыл фœхъœр ласы: «Æлгъаг цахар! Æз дœ уыдонœй нœ фœрсын, фœлœ, чи фœуœлахиз, уымœй!» Куы базыдта, Спартœ фœуœлахиз, уый, уœд кувинœгтимœ атындзыдта кувœндонмœ»[6].

Ацы œмœ бирœœндœр историон цаутœ, кадджытœ, зарджытœ, œмбисœндтœ фœсивœдœн сты œгъдау, œхсар œмœ намысы œвдисœнтœ. Уыдон нœ кœнынц ныфсджын, Ирыстон цух кœй никœд уыдзœн Черментœ, Таймуразтœ œмœ Тотрадзтœй. Адœмы фарн бирœ у.

Æрœджы Æрыдоны районы газет «Рухс»-ы редакцийы кусджытœ Ирыстоны цœрджытœм фœсидтысты, цœмœй лœмбынœг бакœсой, мыхуыры кœй рауагътой, уыцы «Алайнаг адœймаджы уœздандзинады Кодекс».

Йœ домœнтœ йын œххœст кœныныл чи бацархайа, уый аланты фарнœй œнœмœнг, фœхайджын уыдзœн, рауайдзœн дзы œцœг ирон адœймаг»,-фыссынц «Кодекс»-ы саразджытœ.

Æнœмœнг, ацы ныхœстœ адœймаджы зœрдœйы уадзынц ныфс.

Нарты гуыппырсарты фœдзœхстытœ номдзыд поэт Джыккайты Шамил рахуыдта ирон адœмы царды моралон кодекс. Ныр ма йœм бафтыд нырыккон ирон адœмы œрхъуыдыгонд ныстуанты œмбыргонд – «Алайнаг адœймаджы уœздандзинады Кодекс». Алкœй хœс дœр у йœ домœнтœ зœрдыл дарын œмœ сœœххœст кœнын.

Фœдзœхстытœ сты дыууын иу œмœ сын бакœсœн ис газет «Рухс»-ы (2011 аз, № 17).

Список литературы:

  1. Айларты И. Æвзаджы рœзтœн – фадœттœ. Г. «Рœстдзинад», 1998 аз, 6 феврал.
  2. Боциты – Гœлуаты З. Нырыккон демократи. Г. «Рœстдзинад». 2005аз, №197.
  3. Бутаты Э. Цымœ Европœ та цы зœгъы. Г. «Рœстдзинад». 2015аз, №63.
  4. Гаглойты Ф. Ныййарджыты фарнœй œнœ хай. Г. «Рœстдзинад». 1998аз, 14 ноябрь.
  5. Джусойты К. Æвзаг – зœрдœйы дœгъœл. Г. «Рœстдзинад». 2004аз, 6 февраль.
  6. Джыккайты Ш. Адœмы фарн бирœ у. Г. «Рœстдзинад». 2004аз, 2 ноябрь.
  7. Джыккайты Ш. Æвзаджы хъысмœт. Г. «Рœстдзинад».
  8. Дзасохты М. Зœрватыкджын бœстœ.
  9. Дзусова Б.Т.Осетинский речевой этикет как важная культурологическая дисциплина воспитания толерантности у учащихся. Успехи современного естествознания. 2014.№ 12. С. 152-154. [электронный ресурс] — Режим доступа:
  10. Дзусова Б.Т., Хамикоева Л.А.Практико-ориентированный подход к разработке учебно-методического комплекса по осетинскому языку // Вектор науки тольяттинского государственного университета. Серия: педагогика, психология. 2014. — № 3. С. 82-85. [электронный ресурс] — Режим доступа:
  11. Къубалты А. Æфхœрдты Хœсанœ.
  12. Туаева Л.А. Методика изучения произведений малого жанра в начальной школе в условиях полилингвальности // Вектор науки Тольяттинского государственного университета. Серия: Педагогика, психология. 2014.№ 4 (19). С. 171-174. [электронный ресурс] — Режим доступа:
  13. Цгъойты Х. Æвзаджы хъысмœт – нœ сагъœс, нœ дзуринаг. Г. «Рœстдзинад». 2006, 4 мартъи. Æнцон фœндœгтœ хорзмœ нœ кœнынц. Г. «Рœстдзинад». 2006, №94.[schema type=»book» name=»РОЛЬ ПЕЧАТНЫХ СМИ (НА ПРИМЕРЕ Г. «РÆСТДЗИНАД») В ФОРМИРОВАНИИ НРАВСТВЕННЫХ ИДЕАЛОВ МОЛОДЕЖИ» description=»В статье рассматриваются проблемы молодежи в современном российском обществе (в частности в Северной Осетии) в период реформирования нашей жизни. В работе также определяется роль печатных СМИ (на примере республиканской газет «Рæстдзинад») в приобщении молодого поколения к традициям и обычаям осетинского народа с целью формирования их духовно-нравственных идеалов.» author=»Туаева Лариса Ахсарбековна,Батяева Виктория Цараевна» publisher=»БАСАРАНОВИЧ ЕКАТЕРИНА» pubdate=»2017-04-18″ edition=»ЕВРАЗИЙСКИЙ СОЮЗ УЧЕНЫХ_ 30.04.2015_04(13)» ebook=»yes» ]
Список литературы:


Записи созданы 9819

Похожие записи

Начните вводить, то что вы ищите выше и нажмите кнопку Enter для поиска. Нажмите кнопку ESC для отмены.

Вернуться наверх
404: Not Found404: Not Found